Толкин
Джон Рональд Руэл Толкин / Джон Ronald Reuel Tolkien у зынгӕ англисаг фыссӕг, филолог, лингвист, иртасӕг ӕмӕ ахуыргӕнӕг; уацау "Хоббит, кӕнӕ Та Уырдӕм ӕмӕ Фӕстӕмӕ" - йы ӕмӕ трилоги "Къухдарæны æлдар" - ы автор.
Джон йӕ царды фыццаг азтӕ арвыста Африкӕйы хуссары, уыцы рӕстӕг йӕ ныййарджытӕ кӕм куыстой, уым.Фӕлӕ лӕппу ӕмӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр тӕвд климӕт хорз нӕ фӕрӕзтой, ӕмӕ сӕ сӕ мад — Мейбл — Англисмӕ сæ аласта. Уалынмӕ сӕ Фыд тагъд амард ӕндыснӕгӕй, ныууагъта сӕ ӕнӕ царды фӕрӕзтӕй. Хӕстӕджытӕ не сразы сты мады фарсыл рахӕцыныл , ӕмӕ уый ссардта удӕнцой католикон уырнындзинады.
Мейбл йӕ сывӕллоны бонтӕй фӕстӕмӕ сабитӕн бауарзын кодта кӕсын ӕмӕ сӕ хъомыл кодта католикон традицийы. Джон 4-аздзыдӕй базыдта кӕсын ӕмӕ рагон ӕвзӕгтӕм йӕ хъус дарын райдыдта. 8 - аздзыдӕй, 1900 азы Толкин бацыд къарол Эдуарды Скъоламӕ ӕмӕ дзы базыдта рагон англисаг ӕвзаг, валлиаг, финаг ӕмӕ готаг ӕвзæгтæ.1911 азы фӕззӕджы Толкин Бацыд Оксфордмӕ. 18 — аздзыдӕй Джон сӕмбӕлд йӕ уарзондзинадыл-Эдит Бреттыл, сӕ цард баиу кодтой, Джоныл 21 азы куы сӕххӕст ӕмӕ цӕрӕнбонты иумӕ фӕцардысты. Уыдис сын 4 сывӕллоны. 1915 азы фидӕны фыссӕг иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ каст фӕци университет ӕмӕ лейтенантӕй службӕ кӕнынмӕ ацыд Ланкашираг ӕхсджыты полкъмӕ. Дыууӕ азы фӕхӕцыд, Сомыйы хӕст бавзӕрста. Уӕззау рынчын фӕци тифæй ӕмӕ, йæ уӕд сӕхимӕ арвыстой.
Толкин райдыдта ахуыргӕнӕгӕй кусын. 30-аздзыдӕй сси тӕккӕ ӕрыгондӕр профессортӕй иу, куыста англисаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕгӕй Оксфорды университеты. Тӕлмац кӕны рагон таурæгътæ . Кусы рагон таурӕгътӕ тӕлмац кӕныныл. Фыссын райдайы. Йӕ сабитӕн ӕрхъуыды кодта æмæ ныффыста уацау "Хоббит, кӕнӕ Та Уырдӕм ӕмӕ Фӕстӕмӕ"/ The Hobbit, or There и Back Again".Бильбо Бэгинс ӕмӕ алӕмӕт Гэндальфы хабары тыххӕй канд авторы сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, фӕлӕ ма йе ' мбӕлтты зӕрдӕмӕ дӕр. Афтӕ къухфыст бахӕццӕ рауагъдӕдтӕм æмæ мыхуыры рацыд 1937 азы ӕмӕ уайтагъд адӕмы цӕсты бафтыд. Перфекционист уӕвгӕйӕ, йæ дарддæрдзу фыста тынг бирӕ-10 азӕй фылдӕр. Уый уӕлмонц иста скандинаваг ӕмӕ рагон англисаг мифологийӕ.Толкин йӕ фыстӕджыты бӕрӕг кодта, зӕгъгӕ, "Куъхдарæнты æлдары" ныффыссыны нысан уыд, "рӕстдзинад бамбарын кӕнын ӕмӕ нӕ реалон дунейы ӕгъдауы фарс рахӕцын". Къухфыст рауад тынг гуырахстджын, уымӕ гӕсгӕ йӕ мыхуыры уадзыны рӕстӕг бахъуыд 3 хайыл адих кӕнын. Чингуытӕ уагъд ӕрцыдысты 1954 ӕмӕ 1955 азты ӕмӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ систы бестселлертæ.
Фысджыты хъуыддаджы зынгӕ ӕнтыстытӕй уӕлдай ма Толкин уыд зынгӕ филолог. Ӕдӕппӕтӕй зыдта 14 ӕвзаджы ӕмӕ ‘рхъуыды кодта 19 йӕхи ӕвзаджы, сӕ зындгонддӕр — эльфиаг.
1971 азы амард Толкины ус, йӕхӕдӕг та йӕ цардӕй ахицӕн 1973 азы 2 сентябры. Лӕг ӕмӕ усы баныгӕдтой иумӕ Вулверкоты уӕлмӕрды.