Пехуымпар

Пехуымпар

https://t.me/iron_nau

Гуыцмӕзты Алеш

Ӕз мӕ радзырд ногӕй бакастӕн ӕмӕ мӕхицӕй разыйӕ баззадтӕн. Кӕдӕй-уӕдӕй зӕххон адӕймагӕн дӕр йӕ бон сси ӕцӕг уацмыс сфӕлдисын. Ныр уӕларвон цӕрджыты ’хсӕн нӕхи цӕмӕй равдисӕм, уый нын ис. Нӕ зонд, зӕххон адӕмы зонд, бынтон галиумӕ здӕхт кӕй нӕ у, ӕдзух фыддзинад ӕрымысыныл кӕй нӕ фӕлгъауӕм нӕ хъарутӕ, уый ныр тыгъды змӕлджыты дӕр куыннӕ бауырндзӕн. Ӕмӕ цин кодтон мӕ фесгуыхтыл. Стӕй бафынӕй дӕн. Бафынӕй дӕн уӕлхох, цъӕх нӕууыл. Ӕз нӕ федтон, арвыл мигътӕ кӕй уыд. Уый фӕстӕ тыхджын къӕвда уарыд, уымӕй дӕр нӕ райхъал дӕн. Мӕн уыдон нал ӕндӕвтой. Мӕнӕн амӕлӕн нал ис, ныр зӕххон низтӕн исты кӕй схос кӕндзынӕн, уыцы ныфс мӕ уды равзӕрд, ӕмӕ мӕ зӕрдӕйӕ тасы ӕнкъарӕн схицӕн. Ӕмӕ фынӕй кодтон ӕнӕмӕтӕй.

Иу афон кӕсын, ӕмӕ чидӕр ӕрбацӕуы. Чидӕр зӕгъон — мӕ сих. Мӕн нӕ бафӕндыд дзурын ӕмӕ мӕ цӕстытӕ ӕрцъынд кодтон. Уадз ӕмӕ мӕ иувӕрсты ахиза. Нӕй, нӕ ацыд. Ӕрлӕууыд мӕ уӕлхъус. Ныр уый ӕз цъынддзӕстӕй дӕр уынын. Уый мӕ банкъуыста. Ӕз мӕ цӕстытӕ байгом кодтон. Мӕ сих мӕм дзуры:

— Ӕз дӕумӕ ӕрцыдтӕн.

— Ды?

— Гъо.

— Ӕмӕ ды та чи дӕ?

— Ничи.

— Уый ӕз ӕнӕ дӕу дӕр зонын.

Мӕ сих смӕсты.

— Сыст уӕлӕмӕ. Мӕн демӕ ныхасаг ис.

— Чи дӕ? — мӕсты кӕнын ӕз дӕр.

— Ӕз?

— Гъо.

— Ӕз пехуымпар дӕн.

— Пехуымпар?

— Гъо, пехуымпар. Демӕ мӕ ныхасаг ис.

— Табуафси, аныхӕстӕ кӕнӕм. Ӕрбад.

— Пехуымпартӕ бадгӕйӕ никуы фӕныхас кӕнынц.

Мӕнӕй байрох; ныр ӕз дӕр пехуымпар кӕй дӕн, уый, ӕмӕ фефсӕрмы дӕн. Мӕхи хъуыдыйы куыд нӕ ӕрцыд, пехуымпартӕ уырдыг кӕй фӕлӕууынц. Цыма амӕй къаддӕр зонын.

Уый мӕм ӕркаст. Бамбӕрста мӕ:

— Ницы кӕны. Нырма ӕвзонг дӕ.

— Цы уыдзӕн нӕ ныхасы сӕр? — уырдыг слӕууыдтӕн ӕз дӕр.

— Адӕм.

— Адӕм?

— Гъо.

— Дӕ хъуыды зӕгъ.

— Мах, пехуымпартӕм, арӕх ӕрцӕуы адӕмы кой.

— Цӕй фӕдыл?

— Мах фӕнды, цӕмӕй адӕмӕй мыггаг мауал ныууадзӕм, сыскъуынӕм сӕ. Сӕ амондӕн ды фӕстаг рӕстӕджы фӕзындтӕ, фӕлӕ уӕддӕр нӕ хъуыды нӕ аивтам.

— Ӕз уын уый бар нӕ ратдзынӕн.

— Мах дӕр ӕй зонӕм. Цӕугӕ дӕр дӕм уый тыххӕй ӕркодтон.

— Цы дӕ фӕнды?

— Цӕвиттон, дунейы змӕлджытӕй сеппӕты галиудӕр ӕмӕ ӕнӕуагдӕр адӕм кӕй сты, уый зоныс?

— Уый афтӕ нӕу.

— Ӕз дын ӕй зӕгъдзынӕн. Афтӕ у. Зӕххон змӕлджытӕй ӕппӕты фылдӕр сымах стут. Ӕмӕ цы сарӕзтат? Цӕрӕнбонты кӕрӕдзи ӕхсынут. Мах уӕм бирӕ фенхъӕлмӕ кастыстӕм, кӕд ӕрсабыр уыдзыстут. Уый та, ӕвӕццӕгӕн, никуы уыдзӕн. Махӕн нӕ бон ӕнхъӕлмӕ кӕсын нал у. Ӕнцой нӕ дӕттут зӕххы чысыл гӕбазыл. Адӕм хъуамӕ байсӕфой. Уый куы нӕ уа, уӕд тагъд уӕ галиу зонд иннӕ рӕтты дӕр ахӕлиу уыдзӕн.

Ӕз тӕрсын райдыдтон адӕмӕн. Ныры онг кӕд мӕ утӕхсӕнгӕджытӕ уыдысты, уӕддӕр сӕ ныр мӕ цӕсты раз авӕрдтон, ӕмӕ мӕм тӕригъӕды ӕнкъарӕнтӕ фӕзынд.

Уый йӕ ныхас дарддӕр кодта:

— Ӕрхъуыды-ма кӕн адӕмы хъуыддӕгтӕ. Суанг незамантӕй рахаста йӕ галиу зонд. Ӕрхъуыды-ма кӕн грекъӕгты, ромӕгты, ӕрхъуыды-ма кӕн македойнаджы. Цы ми арӕзтат ӕнусы райдиан? Цы ми арӕзтат ӕнусы ӕмбисы? Ӕмӕ цы аразинаг стут ныр? Адӕмы зонд ӕрмӕстдӕр у фыдракӕнд аразыныл. Хорзӕй цы ӕрымысут, уымӕй дӕр та фыддзинады спайда кӕнут. Уӕ зондахастимӕ тагъд, хӕрз тагъд нӕ зӕххы гӕбаз срӕмудздзыстут. Махӕн та тыгъдады алы чысыл мур дӕр зынаргъ у.

— Уый сымахырдыгӕй фыдракӕнд уыдзӕн.

— Нӕ, уым фыдракӕндӕй ницы ис. Уӕддӕр тагъд уӕхигъӕдӕй цагъды кӕндзыстут. Уый дунейы сфӕлдысты фӕтк у. Сбирӕ уыдзыстут, ӕмӕ уыл кӕрӕдзийы уындӕй низ сыстдзӕн, ӕмӕ, бӕрцӕй дарддӕр, иннӕтӕ фӕцагъды уыдзысты. Фӕлӕ уый нырма афтӕ тагъд нӕ уыдзӕн. Уӕдмӕ та бирӕ фыдбылызтӕ скӕндзысты адӕм — цы аргъ нын сты, уымӕй мин хатты фылдӕр. Мах та зонгӕ-зонын уый не ’руадздзыстӕм.

— Ӕмӕ уӕд та, сӕхи рыны фӕстӕ ма сӕ чи баззайа, уыдон ма сыскъуынут.

Уый ахъуыды кодта.

— Чи зоны, раст зӕгъыс, фӕлӕ адӕмӕн сӕ кӕрӕдзимӕ хӕрамдзинад се уӕнджы ис. Уыдон дӕр та куы сбирӕ уой, уӕд фӕстӕмӕ афтӕтӕ кӕндзысты. Уӕддӕр уал ууыл разы дӕн.

— Дӕ хорзӕхӕй, нырма ма батагъд кӕнут иннӕты цӕгъдыныл дӕр. Ӕз сыл азилдзынӕн. Алырдӕмты фӕдисӕттӕ фервитдзынӕн. Ӕмӕ мӕ, чи зоны, бамбарой. Нӕ, ӕнӕмӕнг мӕ бамбардзысты.

— Нӕ мӕ уырны. Ӕниу, азил, цӕмӕй нӕм стӕй азым ма хӕссай. Кӕй дӕ нӕ бамбардзысты, ууыл та ӕз дызӕрдыг нӕ кӕнын. Адӕм ӕгуыдзӕг уымӕн сты, ӕмӕ сӕ хӕрзтӕм кӕй нӕ хъусынц. Чи дӕ дзы бамбардзӕн, хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийы бынӕттӕ кӕм хӕццӕ кӕнынц, уым? Фен-иу, мӕнӕ куы райхъал уай, уӕд, кӕддӕра дын цы маст ӕрхӕссиккой.

Мӕ сих мӕм йӕ чъылдым фездӕхта, ӕмӕ йӕ уӕлдӕф йӕхимӕ айста. Ӕз райхъал дӕн. Мӕ радзырды гӕххӕтт мӕ фарсмӕ нал уыд. Чидӕр дзы топпы нӕмгуытӕ сифтыгъта. Иу сыф та дзы бӕласы цонгыл ауыгъд уыд, лыстӕг хуынчъытӕй. Ӕвӕццӕгӕн ӕй мысанӕн сӕвӕрдӕуыд.

Report Page