Хъуды абырджытæ

Хъуды абырджытæ

IRON ARGHAW


Уыдис æрæгвæззæг. Адæм сæ фæззыгон куыст фесты æфснайд. Аивгъуыдта хуызивæн бон. Кæрдæг бур-бурид афæлдæхт æмæ æрбаруад, сыфтæр азгъæлди, æмæ хъæд быгъдæгæй баззади. Цъæх мигъ йæхи нал иста уæлæмæ кæмттæй. Æрæввахс сты зымæджы æнкъард бонтæ.

Ацы рæстæджы Хъуды абырджытæ: Рубайты Тотырадз, Такъæты Цыппу, Исараты Сугъар æмæ Цæболты Гайти цардысты Арагвийы доны сæр, Хъуды комы, иу рагон лæгæты.

Бирæ адæмтæ зылди сæ фæдыл, ахсынмæ сæ чи хъавыд, ахæмтæ. Бæрæг ничи ницы зыдта, кæм цæрынц, кæм бадынц, уымæн, æмæ къухы не ’фтыдысты. Адаем дæр сæ кæм хъæр кодтой: йæ цонг йæ буарæй чи ралыг кæндзæн. Иууылдæр зыдтой, ацы цыппар лæджы мæгуыр адæмы сæрыл кæй схæтæнхуаг сты сæ цардæй, уый æмæ сыл сæ къух æмбæрзтой.

Бирæ ма фæцардаиккой уыцы ран лæгæты æви нæ, Хуыцау зоны, фæлæ сыл иу афон сæмбæлди хæрзгæнæг æмæ сын рахабар кодта: «Фыд æвзагæй хицӕутты хъустыл æрцыди, ам кæй стут, уый, æмæ уæ ахсдзысты, фæлæ уæ сæрæн исты хос скæнут». Исдугмæ цавддурау фесты ацы ныхасмæ цыппар дæр, ту сæ никæй дзыхæй уал схаудта, зæхмæ хъусыныл фесты. Стæй Цыппу йæхи фæхъæбæр кодта, йæхиуыл уæлæмæ схæцыд æмæ загъта йе ’мбæлттæн:

— Уæ мæ хуртæ, куыд хистæр, афтæ уæ курын. Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Ныууадзæм ацы фæрныг бынат æмæ ахизæм Урстуалтырдæм. Стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы.

— Ныббар мын, Цыппу, дæ ныхас мæхимæ кæй исын, уый, — загъта Гайти, — бæргæ сты хорз дæ ныхæстæ, фæлæ кæдмæ рахау-бахау кæндзыстæм?! Бирæгъау — куы фырæфсæст, куы фы- рæстонг, афтæмæй нæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси. Лæг иу бон райгуыры, иннæ бон амæлы. Кæдæм ма лидзæм?! Мæнæ нæ гæрзтæ райсæм нæ къухмæ, стæй нæм кæд исчи цæуа, уæд ын мах дæр дзуапп ратдзыстæм.

— Фæлмæн къæрмæг ницæмæн бæззы бахъуыды сахаты, — йæхимæ райста ныхас Тотырадз, йæхæдæг хъримаг райста, лыстæныл æрбадт æмæ йæ сæрфы бызгъуыр хæцъилæй.

Лæгæты астæу сыгъдис арт æмæ-иу куы æрмынæг, куы та-иу йæ пиллон скалд. Артдзæсты æвæрд уыдис суанцъы. Йæ уæлæ аг, æмæ дзы картофтæ фыхтис. Лæгæтæн йæ иу къуымы дзæкъулы мидæг уыдис нартхоры цæкуыйы ссад, йæ фарсмæ иу царвы хъуырау, æмæ ноджы сæ сæрмæ ауыгъдæй лæууыди иу фысы фæстаг æрдæг.

Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ бафæрс! Бирæ радзур- бадзуры фæстæ сразы сты Цыппуйы фæндоныл æмæ фæс Тутыры ’хсæв араст сты Урстуалтæм Хъелы æфцæгыл.

Зымæг йæ кæнон кодта. Мит донæмхæццæ уарын райдыдта. Къæсæрæй æддæмæ акæсæн нал уыди. Æрбаввахс сты Сау дзуары хохмæ, афтæ мигъ ныббадти æфцæгыл. Бæстæ ныттар, æмæ ницыуал уыдтой цыппар дæр.

Цыппу разæй цыди фæндаг амонæг. Йæ ных сарæзта æфцæгмæ æмæ уæйыджы цыд кодта размæ. Хаттæй-хатт-иу фæстæмæ фæкасти йе ’мбæлттæм æмæ сын-иу ныфсытæ авæрдта. Æмбæлттæн дæр- иу уæд сæ зæрдæ фæфидар æмæ-иу фæтагъддæр кодтой сæ цыд. Уалынмæ сæххормаг сты, се уæнг сæ иттæг нал хаста размæ цæуын.

Бирæ сæ нал хъуыд æфцæгмæ, афтæ Гайти æрхаудта æмæ иу дзæвгар нал сыстад уæлæмæ зæххæй. Иннæтæ йæ алыварс æрбамбырд сты æмæ йын ныфсытæ æвæрдтой, фæйнæрдыгæй йын йæ цæнгтыл хæцыдысты. Уый нал æмæ нал æрчъицыдта.

— Марадз, Тотырадз, дон æрбадав уæртæ хуыры суадонæй, - зæгьгæ, сонт хъæр фæкодта Цыппу.

Тотырадз базгъордта суадонмæ, йæ нымæтхуды дзы фелвæста æмæ йæ æрбадавта. Йæхæдæг дзы Гайтийы ных æруазал кодта. Уыцы ран Гайтийæн йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд. Уазал суадон ын æвдадзы хос фæци, æмæ æрчъицыдта. Сыстын æй кодтой. Къæлуаимæ чысыл царв дæр аныхъуырдта æмæ фæцырддæр.

Уалынджы бахæццæ сты фыййæутты рæздарæнмæ æмæ уым æрæнцадысты. Рæздарæны ничиуал уыди змæлæг. Æрмæст ма дзы уыди сугтæ æмæ хос, лыстæнæн чи хъуыд, ахæм.

— Ныр арт скæниккам æмæ цæмæй скæнæм, зынг дæр нæм куынæуал ис, - ныккатай кодта Цыппу.

— Фæлæуу, чи зоны, ам исты уа, — зæгъгæ йæм сдзырдта Тотырадз.

Йæхæдæг рæздарæны къуымты разылди æмæ дзы ссардта æхсон æмæ зных.

— Тас нын нал у ныр, мæнæ ссардтон, арт цæмæй скæнæм, уый, — фæхъæр кодта фырцинæй Тотырадз. Сугтӕ кæрæдзийыл æрæвæрдта, зных ссыгьта æмæ йæ сугты бын авæрдта хосы муртимæ. Арт ссыгъдис уадидæгæн, æмæ йæ алыварс æрбадтысты цыппарæй.

Уалынджы æризæр и. Сæхи куы ссур кодтой фæлмæцыд адæм, уæд æхсæвæр бахордтой æмæ схуыссыдысты. Фæлладæй сæ уайтагъд тарф фынæй æрæндæвта, æмæ сæ иу дæр йæ къах нал атылдта райсоммæ.

Æхсæвы къæвда митырдæм аздæхта. Уарын байдыдта æхсæв- бонмæ. Афтæмæй бæстæ дзыхъхъæй, къуыппæй æмвæз сси.

Райсом бон куы ’рбацъæх, уæд Цыппу раздæр фестади, акаст арвыхъæдмæ æмæ йæ сæр ныттылдта: «Сæфты фæндагыл рацыдыстæм», — дзырдта йæхинымæр.

Æфцæгыл уыйбæрц мит æруарыд, æмæ дзы цъиуæн нал уыд атæхæн. Йæ зæрдæ бауазал Цыппуйæн фырмæстæй æмæ йæ бынаты æрхаудта.

Райхъал сты иннæ æмбæлттæ дæр æмæ уыдон дæр сагъæс кодтой. Кæм ма бафснайдтаиккой сæ сæртæ, уымæн ницыуал хос зыдтой. Уæддæр Цыппу йæхи фæхъæбæр кодта æмæ загъта:

— Мæт ма кæнут, мæ хуртæ. Лæджы сæр цы нæ бавзардзæн цæргæ-цæрын, ахæм нæй. Кæд ацы сахат нæ фæндаг ныкъкъуылымпы, уæддæр иууыл нæ зæрдæтæм ма ныккæсæм. Мастæй ницы æрцæудзæни, фæлæ нæ исты æрхъуыды хъæуы.

— Æмæ ма цы ’рхъуыды кæнæм, — загътой æмдзыхæй æртæ æмбалы.

— Цы ’рхъуыды та цы ныхас у? Удæгас адæймаг цыдæриддæр æрхъуыды кæндзæн. Кæд разы стут мæ фæндыл, уæд аздæхæм фæстæмæ æмæ ныццæуæм Дзимырмæ. Уыцы ран цæрынц мæ фыдымады ’рвадæлтæ, Тогойтæ, æмæ уыдон уазæг нæхи бакæндзыстæм, — ныфсытæ æвæрдта Цыппу йе ’мбæлттæн.

Æмбæлттæ дæр æм хъуыстой æнцад æмæ дзы уæлдай ничиуал ницы загъта.

Аздæхтысты фæстæмæ Хъелæй æмæ ныццыдысты Дзимырмæ. Уыцы ран сæ Тогойтæ хорз суазæг кодтой, радтой сын сæ мæсыг боны ’мгъуыдмæ, æмæ дзы æрбадтысты цыппарæй Хъуды абырджытæ.

Диссаг куыннæ уыд уæвгæйæ дæр Тогойты мæсыг: йæ ном, Гуры номау, баззад адæмы ’хсæн. Дзырдтой-иу æй кæмдæриддæр, зæгъгæ, ахæм фидар мæсыг нырма никуы уыд хохбæсты. Уый амад уыд хæдхонгæ дурæй. Ахæм фидар уыд, æмæ йын тыхгæнæг тых никуы ссардта. Иæ иу фисынæй иннæ фисынмæ æххæсти иу дур. Мæсыгæн йæ уæлкъæсæр уыди фыст: «Ацы мæсы- джы чи бада æмæ дзы тæссæй чи рахиза йæ хуылфæй, уымæн-иу куыдзы бæлæгъы дон ныччындæуæд. Кæд æмæ мæсыг фæцуда знаджы къухæй кæнæ ныккæла йæхигьæдæй, уæд-иу йæ амайæг мæрдты авд дæлдзæхы ныххауæд дæлдæр».

Фæцардысты уыцы ран Хъуды абырджытæ мæсыджы хуылфы суанг комахсæнмæ.

Йæ фæстæ хабар айхъуысти адæмыл, базыдта сæ хицауад. Уырысы хицæуттæ уынгæг кæнын райдыдтой Тогойты, зæгъгæ, уæ уазджыты раттут, кæннод уæ бынтон бынысæфт фæкæндзыстæм. Гæнæн æмæ амал куы нал уыд Тогойтæн, уæд хабар бамбарын кодтой сæ уазджытæн æмæ сын загътой:

— Бæргæ нæу аив йæ уазæджы арвитын фысымæн, фæлæ цы бакæнæм, нæхиуыл дæр хуыздæр бон не скодта. Гъенырмæ уæ февæрдтам, фæлæ ныр нæ рæстæг нал у уæ бавæрын, æмæ уæ сæртæн исты хос скæнут. Æрхъуыды кæнут æмæ мах дæр ма фесафут æмæ уæхи дæр.

Уыдон сын загътой:

— Бæстыл цы нæ ’рцыд, ахæм хъуыддаг нæй. Кæд уыл исты уæз цæуа нæ руаджы, уæд кæддæриддæр мах нæхи æрхæсдзыстæм уæ сæрыл. Нæ бафæсвæд кæндзыстæм нæ кард æмæ нæ уарт, нæхи фæцæгъдын кæндзыстæм, уæддæр сымах æфхæрын нæ бауадздзыстæм искæй къухæй. Фæлæ йæ зонут, райсом бон куы айхъуыса,зæгъгæ, Тогойтæ сæ уазджыты нæ бавæрдтой, æмæ дзæгъæл сæфт фæкодтой кæмдæр, уæд уæхи сæртæн дæр кад нæ уыдзæни, уæ цæхх æмæ уын уæ кæрдзын йæ размæ ничи райсдзæни. Ма фæкæнут фидиссаг мах дæр æмæ уæхи дæр.

Ацы ныхæстæ сæм иттæг арф бахъардтой Тогойтæм, æмæ нал схастой сæ сæрмæ сæ уазджытæн «ацу» зæгъын. Фæлæ сæ йæ фæстæ æгæр куы уынгæг кодтой уырысы хицæуттæ, уæд баздæхтысты, афтæмæй мыггаджы хистæртæ бацыдысты мæсыгмæ æмæ сын рахабар кодтой: «Сæфæм уæ руаджы мах дæр. Дыууæ боны ’мгъуыдмæ кæд рахизат мæсыгæй æмæ уæхи раттат, кæннод нæ дур дурыл дæр нал ныууадздзысты, фæлæ уæ сæрæн исты хос скæнут».

Уыдонæн дæр ма цы хос уыди! Мæнг нæ бакæнынц: «Кæй уæрдоны бадай, уый зарæг кæнын хъæуы». Исдугмæ ницы ком лæвæрдтой, стæй сыстадысты, «хæрзбон» загътой Тогойты хистæртæн æмæ рараст сты Урстуалтæм.

Уазал æмæ æххормагæй дæр сфæлмæцыдысты. Ницыуал сæм уыд хæринаг. Æрмæст ма сæм баззади иу дзæкъулы хыгъд къæлуа, æмæ уымæй маамæлайы хæрд кодтой, цæмæй сæ уд нæ аскъуыдаид.

Рæстæг уыди раст комахсæнæй урсыкъуырийы астæу. Мит чысыл фæдзода, фæлæ уæдцæр къах нæ урæдта. Уыдон цыппар дæр сæ къæхтыл бакодтой къахкъæлæттæ æмæ афтæмæй рахызтысты æфцæгыл Урстуалтæм.

Æрцыдысты Едысмæ æмæ уым æрфысым кодтой Колыты Хиламæ. Колыты Хила уыд исджын лæг æмæ уазæгуарзон. Цæргæ та кодта Æлбегаты къуылдымыл. Йæхицæн дзы мæсыг дæр уыд уыцы ран. Куыннæ сыл бацин кодтаид Хила йæ уазджытыл! Афтæ буц сæ скодта, æмæ сæ зæхмæ дæр нæ уагъта. Æхсæвы сын кусарт дæр акодта.

Æрбынæттон сты Хъуды абырджытæ уыцы ран. Хила сын йæ арм фынгæн дардта. Ферох сæ сты сæ фыдæбæттæ дæр.

Цыдысты бонтæ. Фæци карз зымæг. Мит бæстон басау æмæ æрлæууыд хъарм, уалдзыгон рæстæг. Адæм дæр сæ уалдзыгон куыстмæ бавнæлдтой.

Иу афон, раст Тыбаууациллайы æхсæв, Хиламæ æрхæццæ минæвар æмæ йын загъта:

— Амилахоры-фырт Бабана дæм æрвиты: «Хъуды абырджытæ дæумæ сты, æмæ сæ куыд раттай, афтæ».

Хила ницы æфсæрыл хæцыд. Уæд уый сласта йæ дзыппæй фараст туманы æхца, уыдонимæ сыгъзæрин доны тылд хъама æмæ иу, кæм федтай, ахæм æхсаргард. Уыдон дæтты Хиламæ æмæ йæм хаты:

— Ацы лæвæрттæ айс дæхицæн æмæ ратт дæ уазджыты. Æрвиты дæм сæ Амилахоры-фырт, æмæ мæ коммæ бакæс, дæхи ма фесаф искæй тыххæй. Чи дын цы фæуыдзæн?! Ма райс адæмы фыдæх дæхимæ. Ратт дæ уазджыты.

Хила сæм йæ къух дæр нæ бакодта. Уый цæхгæр ныххуыррытт кодта æмæ загъта:

— Æз Æгъуызаты æмæ Куырттаты ’хсæн иу фынгыл бадын. Адæм мæ цæхх, мæ кæрдзын хæрынц, æмæ мæ уый куы айхъуыса, зæгъгæ, Хила йæ уазджыты ауæй кодта, уæд ма мын фынгыл нуазæн та чи ратдзæн мæ арммæ? Цы аккаг ма уыдзынæн æз уый фæстæ, æмæ адæмы ’хсæн цæрон? Нæй, ахæсс ын йæ лæвæрттæ фæстæмæ æмæ йын-иу зæгъ: «Мæ рæстæг нæу».

Уый дæр уæлдай ницыуал загъта. Сыстад æмæ уыцы хуызæнæй афардæг фæстæмæ.

Хила уым баззади. Фæлæ йæ зæрдæмæ сау æндар ныккаст кæцæйдæр. Мæт айста йæхимæ æмæ хъуыдытыл фæцис. Æрфæсмон кодта, кæй не сразы, йæ уазджыты кæй нæ адде кодта йæ хæдзарæй, ууыл. «Мыййаг, искуыцæй, æцæг, куы фæзына знаг æмæ искæй адзал куы бафидон», — йæхинымæры хъуыдытæ кодта Хила. Фæлæ дзы æнæ уазæг дæр цæрæн нæй. Уазæг кæмæ нæ цæуы, уый бынтон сæфт у, кад дзы нæй адæмы ’хсæн. «Цæй, чи зоны, æмæ ничи фæзына. Науæд куы фæзына, уæддæр мæм чи хъуамæ йæ ныфс æрбахæсса ацы уынгæг кæмтты, ацы фидар мæсыгмæ», — йæ зæрдæ фæфидар æмæ-иу йæхицæн ныфсытæ авæрдта Хила.

Цыди рæстæг. Ивгъуыдтой бонтæ. Иу заманы уырысы паддзахы æфсæдтæ æрбацыдысты Едысмæ æмæ æрæнцадысты Царциаты обауы цур. Хъуды абырджытæ дæр бахызтысты мæсыгмæ æмæ уым сæхи æрфидар кодтой.

Хæст фемæхстис. Рæстæг дыууæизæры астæу бацыди, æмæ бæстæ ныррухс топпы цæхæрæй. Дыууæрдыгæй райдыдтой кæрæдзийыл хæцын æмæ фæхæцыдысты авд боны æмæ авд æхсæвы. Æфсад мæсыгмæ бырстой уæлæмæ, фæлæ сæ уыдон не суагътой. Афтæмæй джиджийаттаг фесты, цагъды кодтой.

Хъуды абырджытæ сцух сты топпыхосæй æмæ здыйæ. Нал сæм уыдис хæринаг, нæдæр дон, æмæ суынгæг сты. Æвдæм æхсæв куы ’ризæр, уæд цыппар ныууагътой мæсыг æмæ ахызтысты фалæмæ Тырсийы æфцæгыл. Уырдыгæй бафтыдысты Шамилы ’фсадмæ æмæ уый къухы ныллæууыдысты. Мæсыг дзæгъæлæй баззадис Æлбегаты къуылдымыл, фæлæ йæм уæддæр æфсад нæ уæндыдысты. Куы ’рталынггæрæттæ, уæд дзы Саулохты Есе цырагъы рухс радардта. Æфсад куы базыдтой, ничиуал дзы ис, уæд ссыдысты æмæ мæсыг йæ бындзарæй афæлдæхтой.

Уый фæстæ Хилайæн йæхи дæр æрцахстой æмæ йæ æд бинонтæ Сыбырмæ фесæфтой.

Report Page