ФЫЦЦАГ ЦУАН
https://t.me/iron_nau
Ӕлхъацаты Дебола
ФЫЦЦАГ ЦУАН
I
Иу исты аипп кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕймаг зын ссарӕн у, йӕ хъӕндзинадыл чи басӕтты, ахӕм та бынтон зындӕр. Мӕнмӕ ахӕм хорздзинад ис, ӕмӕ мӕ хъӕнтыл сӕттын. Цӕмӕй уӕм мӕ ныхас мӕнг ма фӕкӕса, уый тыххӕй уын иу хабар ракӕндзынӕн.
Абоны хуызӕн ма мӕ зӕрдыл лӕууы. Уӕвгӕ та ӕндӕраз уыд уый. Бон сцыбыр. Кӕрдӕг бахус. Бӕлӕстӕ сбӕгънӕг сты. Мӕргътӕ хъарм бӕстӕм фӕтахтысты. Зымӕг зӕххыл «гакк» сӕвӕрдта.
— Куыд дын зӕгъын, афтӕ бакӕн. Бауырнӕд дӕ, Бексолтан, хуыздӕр хос нӕй дӕ низӕн, — цыма мӕ тарф фынӕйӕ райхъал кӕнынмӕ хъавыд, уыйау мын мӕ цонг тылдта Алыбег. — Амонын дын хъӕуы? Хӕрд ӕмӕ хуыссӕджы фӕстӕ сыгъдӕг уӕлдӕф — низӕн йӕ хуыздӕр хос. Мемӕ цуаны цу. Мӕ гӕрзтӕн сӕ тӕккӕ хуыздӕр — дӕу, резинӕ цырыхъхъытӕ мӕм — ӕртӕйы фӕлыст, сӕ хъустӕ раст ронбастмӕ хӕццӕ кӕнынц. Цом-ма, гормон, хуыцаубоны хъаздзуан. Кӕд ма дӕ сӕр срисса, уӕд дын мӕ сӕр лыгмӕ дӕттын.
Рынчын алкӕмӕдӕр хъусаг у: сразы дӕн мӕ сыхаджы фӕндыл, уӕлдайдӕр Алыбег йӕхӕдӕг — дохтыр, ӕмбисонды цуанон. Ӕниу мын сыхаджы хуызӕн сыхаг у! Зулдзых ныхас дзы нӕ зонын. Цӕмӕ йӕм бадзурай — дыууӕ нӕ зӕгъдзӕн, йӕ уд ауӕлдай кӕндзӕн адӕймаджы тыххӕй, бахъуаджы сахат та — арт. Фыдӕлты ӕмбисонд раст у: «Ӕвзӕр сыхаджы цур хорз хӕдзар асламӕй балхӕныны бӕсты хорз сыхаджы цур ӕвзӕр хӕдзар зынаргъӕй балхӕн».
— Разы дӕн дӕ фӕндыл. Демӕ цуаны цӕуын, ӕрмӕст ӕнӕ гӕрзтӕй. Хӕцӕнгарз мӕ къухмӕ никуы райстон. Бауырнӕд дӕ, сомы дын кӕнын... Чи мӕ фена, уый мыл фӕхуддзӕн.
— Фӕуӕд афтӕ. Фыццаг хатт — ӕнӕ гӕрзтӕй, — стӕй та — гӕрзтимӕ — ӕвӕццӕгӕн, куы нӕ сразы уон, уымӕй тӕрсгӕйӕ Алыбег мӕ ныхасыл дыууӕ нал загъта.
Алыбеджы хъуыды мӕнӕн цы бамбарын хъуыд: уый фӕндыд мӕн сындӕггай цуаныл фӕцалх кӕнын.
Бирӕ ракӕ-бакӕйы фӕстӕ бауынаффӕ кодтам сабаты нӕ изӕр Къардиумӕ ныххӕссын. Ӕргом куы зӕгъон, уӕд мӕн цуаны мӕт нӕ уыд, фӕлӕ мӕ хъуыды Алыбегӕн нӕ загътон. Цыбыр дзырдӕй, иу ӕхстӕн ӕртӕ тӕрхъусы амарын мӕ зӕрды уыд: мӕ мады хойы фенын, мӕ сыхаджы зӕрдӕхудты нӕ бацӕуын, стӕй, табу уӕ фарнӕн, нӕ лӕппуйӕн службӕйы фӕстӕ куывдӕн кусӕрттаг бацагурын.
— Цъунарӕй ардӕм цы хъӕуы нӕ уыдтӕн, ахӕм нал баззад, фӕлӕ Къардиуы никуы уыдтӕн... Хъызылбегты ус у, зӕгъыс, дӕ мады хо?... Фыццаг хатт хъусын ахӕм мыггаг, — цыма истӕуыл ӕнӕууӕнк кодта, ахӕм хъӕлӕсыуагӕй загъта Алыбег.
— Тӕссаг ран у ам... Ардыгӕй хуымӕтӕджы цуанон йӕ хӕдзарыл нал сӕмбӕлы, — хъазӕн дзуапп ын радтон.
— Цыдӕр диссаджы хъӕу у дӕ Къардиу. Бӕндӕны, хуызӕн ныддаргъ... Иу уынг йеддӕмӕ дзы нӕй? — цыма мын Къардиуӕй йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ барад, уый тыххӕй уайдзӕф кодта, уыйау та загъта мӕ сыхаг.
— Нӕй, фӕлӕ уынгты нымӕц хъӕуы ʼгъдау ӕвдисӕг нӕу...
Алыбег йӕ хъӕлӕсы дзаг ныххудт.
Ӕризӕр. Хӕдзӕртты сӕрмӕ даргъхъуыр агуыри тохынатӕй фӕздӕг зылын-мылынтӕй кӕлын райдыдта. Алыбегимӕ Хъызылбегты кулдуарӕй бахызтыстӕм.
Мады хойӕ мады ад цӕуы. Госӕма нын ницӕуыл бацауӕрста, фӕцинтӕ ныл кодта. Уӕлдай ӕхсызгон та йын уый уыд, ӕмӕ сын мӕ сыхаг хӕстӕг разынд: Алыбеджы фыды фыдӕн йӕ мады фыд Хъызылбеджы хӕрӕфырт уыдис.
Дыккаг бон сӕумӕцъӕхтӕй сыстадыстӕм. Госӕма нӕ бӕргӕ нӕ уагъта: «Ныхъхъуыдты уадзут уӕ хъаздзуан... Мӕлӕты цуанӕттӕ куы нӕ стут — дыууӕ лӕгӕй сӕм иу топп... Мӕнӕ уын ӕз мӕ хъазты рӕгъау дӕттын, — дзырдта зӕронд. — Кӕрӕдзийы алы бон куы нӕ уынӕм, мыййаг».
Алыбеджы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй тӕрсгӕйӕ ӕз дӕр мӕ сыхаджы фарс фӕдӕн, ӕмӕ сӕумӕцъӕхӕй Хуыдзыхмӕ ацыдыстӕм.
II
Дӕсны цуанӕттӕ куыннӕ вӕййы, фӕлӕ дзы гӕрзтимӕ Алыбеджы хуызӕн арӕхстджын никуы федтон. Хуыдзыхы ӕртӕ сахаты дӕр ӕххӕст нӕ фестӕм, афтӕ Алыбег ӕртӕ хъазы ӕмӕ цыппар бабызы ӕрӕппӕрста. Уый дӕр ма фӕуӕд, фӕлӕ тӕхгӕ-тӕхын тӕрхъус куыд акъуырдта! Абон дӕр ма йыл дис кӕнын. Ӕз ӕй уынгӕ дӕр дзӕбӕх нӕ акодтон, уый йӕ иу гӕрахӕн фӕтымбыл ласта!
...Ӕрджынарӕгӕй сонт дымгӕ сдымдта. Уазал гӕзӕмӕ ӕлхысчъытӕ кодта цӕсгом, буармӕ хъардта.
— Ард дын хӕрын, Бексолтан, Хуыдзых Алыбегӕй никуыуал ферох уыдзӕн. Диссаджы ран у, ӕвӕдза! — йӕ цыд дзӕгъӕлы кӕмӕн нӕ фӕвӕййы, ахӕм цуанонау загъта Алыбег.
— Бабызтӕ ӕмӕ тӕрхъус — дӕ уаргъ, хъазтӕ ӕмӕ гӕрзтӕ та — мӕн. Разы дӕ ууыл?
— Уӕллӕй, Нарты Уырызмӕг дӕр растдӕр уынаффӕ нӕ бакӕндзӕн. Иуӕн ӕгӕр уӕззау сты Ӕфсатийы ацы ӕмбисонды лӕвӕрттӕ.
Сахатӕй фылдӕр нӕ рацыдаид, афтӕ Чызджыты обауӕй фӕуӕле стӕм. Нӕ фӕллад суадзӕм, зӕгъгӕ, нӕ уӕргътӕ цӕугӕдоны был бӕласы бын ӕрӕвӕрдтам.
— Ам ахӕм хъӕд уыдзӕн, уый мӕ, хӕснаг скӕнгӕйӕ дӕр, нӕ бауырныдтаид. Дӕ фӕллад уадз, ӕз уал хъӕды азилон, — загъта Алыбег. — Мӕ гӕрзтӕ мемӕ нӕ хӕссын, ныртӕккӕ мӕ ардӕм хъӕуы.
Алыбег куы ацыд, уӕд рӕдзӕ-мӕдзӕйыл фӕдӕн, хуыссӕг мӕ йӕ быны скодта. Цы бафынӕй стӕм ӕхсӕвы — дыууӕ-ӕртӕ сахаты!
Куыддӕр афынӕй дӕн, афтӕ мӕ хъустыл машинӕйы уынӕр ауад. Цыма фын уыдтон, афтӕ мӕм каст.
Ӕххӕст дӕр нӕма райхъал дӕн, афтӕ мын иу мӕллӕг даргъ лӕппулӕг ме уӕхск базмӕлын кодта.
Йӕ цӕсгомы хуызӕй йӕ бамбӕрстон, цыдӕр диссаджы лӕг ӕм кӕй фӕкастӕн, уый. Йӕ лыстӕг сау рихитӕ йӕ рӕсугъд тӕнӕг фындзы бын дыууӕрдӕм змӕлдысты, йӕ саулагъз цӕсгомыл цины тынтӕ хъазыд. Цыма лотерейӕ «Волгӕ» рамбылдта, афтӕ зынд бакӕсгӕйӕ.
— Бахатыр кӕн... Иу хатт ма... — лӕугӕйӕ, цыма мӕ стыр хӕс дардта, ахӕм хуызы загъта мӕллӕг лӕппулӕг, ӕмӕ мӕм къоппы хуызӕн цыдӕр фӕцарӕзта, цалдӕр хатты йӕ ӕркъӕпп кодта куы мӕ рахизфарсӕрдыгӕй, куы галиуӕрдыгӕй, стӕй мын мӕ ном, мӕ мыггаг ӕмӕ мӕ куысты бынат гӕххӕтты афыста.
— Ӕнӕвдӕлон дӕн!.. Хуыгӕстӕм тагъд кӕнын!.. Иннӕбоны номырмӕ ӕрмӕг ӕнӕ ратгӕ нӕй... Хӕрзбон, газеты фарсыл сӕмбӕлынмӕ!
«Хуыгӕстӕм тагъд кӕнын...» Цавӕр хуыгӕстӕм? Цы сыл ӕрцыд? «...Иннӕбоны номырмӕ...» Иннӕбон цавӕр номыр ис? «Ӕрмӕг...» Цавӕр ӕрмӕг? Кӕд къӕрмӕг зӕгъынмӕ хъавыд? Ӕмӕ номырты къӕрмӕг цӕмӕн хъӕуы?.. Газеты фарсыл дыууӕ лӕгӕн куыд сӕмбӕлӕн ис?..»
Нӕдӕр ын йӕ митӕн ницы бамбӕрстон, нӕдӕр йӕ ныхӕстӕн, афтӕмӕй йӕ машинӕйы абадт ӕмӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ Чызджыты обауы дӕле фӕцис. Йӕ ном, йӕ мыггаг бафӕрсын дӕр мӕ къухы нал бафтыд. «Мӕ фыдыстӕн, кӕнӕ зондхъуаг, бынтон ӕрра у, кӕнӕ та дӕлимонтӕй! Цытӕ акодта, дӕ хорзӕхӕй!» — ахъуыды кодтон мӕхинымӕр.
— Ӕмӕ де ʼмбалы кусӕрттаг хъӕуы, зӕгъыс? — чъылдымӕрдыгӕй мӕм ӕрбайхъуыст кӕйдӕр ныхас.
Кусӕрттаджы коймӕ ӕваст фӕстӕмӕ фӕзылдтӕн. Алыбег сындӕггай кӕимӕдӕр ӕрбацӕйцыд, — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы бӕрц ыл цыдаид, ныллӕг фӕтӕнтӕ нӕлгоймаг. Сӕ фӕстӕ, пыхсбынӕй, хъомрӕгъау разынд. Алыбег кӕимӕ ӕрбацӕйцыд, уымӕн йӕ къухы йӕхицӕй дыууӕйы дӕргъӕн лӕдзӕг, йӕ уӕлӕ — дӕрдджын кӕттаг уӕлӕфтау, йӕ къӕхтыл — резинӕ цырыхъхъытӕ. Хъомгӕс кӕй уыд, уый йӕ дарӕсӕй, стӕй йӕ дымгӕсыгъд цӕсгомӕй бӕрӕг уыд. Йӕ дӕргъӕй, йӕ уӕрхӕй уӕлдай нӕ уыд, афтӕ тыппыр уыд хъомгӕс, раст — кӕсаджы мисындзӕг.
Цыбыр дзырдӕй, Гуыцыримӕ ӕнӕ радзур-бадзурӕй, хъомгӕсимӕ, ӕртӕаздзыд уӕныгыл бафидыдтам. Мӕ фыдыфсымӕры лӕппу йӕ майрӕмбоны нӕхимӕ схӕццӕ кӕндзӕн.
III
— Нӕ, нӕ. Бадынӕн рӕстӕг нӕй, — дзырдта Алыбег Госӕмайӕн. Уый та нӕ, мӕгуыр, зӕрдиагӕй хуыдта. — Машинӕ куы ивгъуыйа, уӕд нӕ фистӕгӕй цӕуын бахъӕудзӕн.
— М ʼарт бауазал!.. Уый та куыд?! Мӕ къӕсӕрӕй афтӕмӕй ацӕуат?! Ӕз абондӕргъы иу ран куы не ʼркодтон... Мӕнӕ Бексолтанӕй ӕфсӕрмы кӕнын... Нӕ хӕстӕг... Фыццаг хатт ӕй федтон... Стӕй сыхӕгтӕм дӕр хонӕг арвыстон...
— Нӕ, нӕ. Амал нын нӕй, — йӕ ныхасыл ныйичъи Алыбег.
Йӕ мады хойы чи нӕ уарзы, уый амӕлӕд, зӕгъгӕ, уӕд ничи амӕлид. Раст зӕгъын хъӕуы, мӕн фӕндыд уыцы изӕр Госӕмайы сыхӕгты, йӕ хӕстӕджыты, йӕ къабӕзты базонын, фӕлӕ Алыбег не сразы.
Автобусмӕ байрӕджы кодтам ӕмӕ нын колхозон уӕзласӕн машинӕйы бадгӕ ӕрцыд. Куыддӕр Фарныхъӕуы хидмӕ бахӕццӕ стӕм, афтӕ чидӕр машинӕ ӕруромын кодта.
— Цӕмӕ лӕууӕм, цы хабар у?! — гуыффӕйӕ рахъӕр кодтон Алыбегмӕ, мӕ кӕрцы ӕфцӕггот хӕрдмӕ фӕлдӕхт, афтӕмӕй. Алыбег кӕимӕдӕр быцӕуыл схӕцыд.
— Бахатыр кӕн, ӕфсымӕр! — мӕ тӕккӕ хъусы цур бӕзджын хъӕлӕсӕй загъта чидӕр.
Ӕз мӕхи фынӕй ӕфсон акодтон, ӕмӕ йӕм ме ʼфцӕгготы бынӕй ӕрдӕгцъынд цӕстытӕй скастӕн. Куы ницы дзуапп лӕвӕрдтон, уӕд фарныхъӕуккаг Алыбеджы ʼрдӕм йӕ сӕр азылдта, цӕмӕйдӕр ӕй бафарста. Бӕлвырд ӕй нӕ фехъуыстон, фӕлӕ йӕ ныхасы кӕрон мӕ хъустыл ӕрцыд: «Мах цины фӕдыл ӕрӕмбырд стӕм, нӕ сыхы чындзӕхсӕв ис, фӕлӕ зианӕн дӕр ӕгъдау ратдзыстӕм. Ацы марды дардмӕ ласыс?»
Алыбег ныххудт, ӕмӕ, ӕз куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй фӕрсӕгӕн йӕ къухӕй цыдӕр ацамыдта, ӕвӕццӕгӕн, «нӕ фӕразы», зӕгъгӕ.
— Нӕ фӕразы, зӕгъыс?.. Ӕмӕ ӕнхъӕлцау исты у?.. Хуыцау ын ӕй лӕппу фӕкӕнӕд!.. Авд хойы хистӕр...
Чысыл ма бахъӕуа — ныппыррыкк ласон.
Машинӕ цы хӕдзары комкоммӕ ӕрурӕдта, уырдыгӕй иу чысыл фыдцъылыз лӕг тызмӕгхуызӕй рагӕпп кодта йӕ бур рихитӕ даугӕ, йӕ бур хъуынджын худ суанг къӕбутмӕ фӕбырын кодта. Йӕ къухтӕ йӕ сины сӕртӕм арӕзт, цыма зӕххы цъарыл уымӕй хъӕбатырдӕр нӕ уыд, ахӕм лӕуд акӕнгӕйӕ, фӕсус хъӕлӕсӕй рахъӕр кодта: «Ӕз уӕ таурӕгътӕ кӕнынмӕ рарвыстон?! Уазджыты мидӕмӕ ракӕнут уын зӕгъын!»
Алыбег Госӕмайы раз цы фидар удыхъӕд равдыста, ууыл дыууӕ ахӕмы бафтыд — хонджытӕн ком нӕ радта.
Бӕлццӕттӕ кӕй нӕ разы кӕнынц, уый фыдцъылыз буррихи бамбӕрста, ӕмӕ цыма йӕ фыдӕлты стыр кадыл рахӕцынмӕ хъавыд, уыйау, йӕ даргъ сау хъамайы сӕрыл хӕцгӕйӕ, цалдӕр кӕстӕримӕ хъазуатӕй йӕхи махӕрдӕм сарӕзта.
— Гъе, гъе! Дадайы ӕвӕрӕнтӕм бавнӕлдтой Фарныхъӕу, — хонджытимӕ быцӕу кӕнгӕйӕ, загъта Алыбег.
Мӕ сыхаджы хъӕбатырдзинадыл никуы фӕгуырысхо дӕн, фӕлӕ ныр бамбӕрстон, Алыбег ацы ӕфсады ныхмӕ иунӕгӕй кӕй ницы бакӕндзӕн, уый. Уӕлдайдӕр фыдцъылыз буррихийы ныхмӕ. Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр афтӕ рауад. Гӕнӕн нал уыд ӕмӕ гуыффӕйы рабадтӕн.
— Фӕлӕуу, фӕлӕуу!.. Уӕ мад, уӕ фыдыстӕн!.. Ай мӕ ницӕйаг сиахс нӕу?! — йӕ цӕстытӕ ӕрдӕгцъынд акодта, афтӕмӕй афарста фыдцъылыз буррихи ӕмӕ, йӕ сины сӕртыл хӕцгӕйӕ, Алыбегмӕ дыууӕ сардзины ӕддӕдӕрӕй ӕдзынӕг ныккаст.
Цъусдуг не ʼппӕт дӕр ӕдзӕмӕй аззадыстӕм, сыбыртт ничиуал скодта. Буррихи йӕ кӕстӕртыл йӕ цӕст ахаста, цыма афтӕ зӕгъынмӕ хъавыд: «Гъеныр уын худинаг нӕу, ахӕм ницӕйаджы тыххӕй Гадӕккойы уынгмӕ рацӕуын бахъӕуӕд!»
— Мӕ хойы дӕуӕн цы бон лӕвӕрдтон, уыцы бон ыл фӕлтау...
Фыдцъылыз буррихи йӕ хъуыды кӕронмӕ нал загъта, афтӕмӕй, ӕнӕдзургӕйӕ, сындӕг къахдзӕфтӕй йӕхи Алыбегмӕ сарӕзта, цыма йӕм сонт лӕбурд фӕкӕнынмӕ хъавыд, уый хуызӕн.
Фысымты дзыхджындӕр бирӕ хистӕр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ машинӕйӕ ӕргӕпп кодтон. Цыбыр дзырдӕй, ӕнӕсхӕцгӕйӕ Алыбег буррихийы къухтӕм йӕ гӕрзтӕ радта.
Ӕфсатийы лӕвӕрттӕ Алыбеджы дард каисты чындзӕхсӕвы хардзгонд ӕрцыдысты. Ӕгъдӕуттӕн ӕнӕ кӕнгӕ кӕм ис — мӕнӕй дӕр фондз ӕмӕ ссӕдз сомы фӕхъуыд, афтӕмӕй изӕрӕй, дзӕбӕх ифтыгъдӕй, кӕйдӕр машинӕйы заргӕ горӕтмӕ рафардӕг стӕм.
IV
Дыццӕджы куыддӕр райсомӕй заводы куырдадзы дуар бакодтон, афтӕ мыл дыккаг сменӕйы адӕм ӕмбырдтӕ кӕнын байдыдтой, зӕрдиаг арфӕйы ныхӕстӕ мын дзырдтой. Чи мын тагъд-тагъдӕй хъӕбыс кодта, чи мын мӕ къух иста. «Мӕнӕ стыр диссаг! Лӕг немӕ уый бӕрц фӕкуыста, ӕмӕ йын ницы зыдтам! Ныр мах куырмытӕ не ʼстӕм? — дзырдтой иуӕй-иутӕ. Куыстмӕ ӕрӕджы чи кодта, уыдон згъоргӕ-згъорын, газеттӕ тилгӕйӕ, дӕрддзӕфӕй хъӕр кодтой: «Бексолтан, салют! Гъе, уый лӕппу у, гъе!» Чидӕртӕ ма сӕ цинтыл ӕфтыдтой: «Фӕскуыст дӕ бабӕрӕг кӕндзыстӕм!... Де ʼфсин йӕхи ӕрцӕттӕ кӕнӕд!»
Куы зӕгъын, бирӕтӕ се ʼдылыдзинадыл нӕ фӕсӕттынц. Ницы ӕмбӕрстон адӕмы цинӕн, фӕлӕ сӕ арфӕйӕн ӕз дӕр арфӕ кодтон. Ӕрӕджиау мӕм диссаг фӕкаст, куыстӕй чи цыд, уыдонӕй мӕ хъуыды дӕр кӕй ничи ʼркодта, уый. Чи мыл-иу ныттыхст, уыдон иууылдӕр заводы цуанӕтты къорды уӕнгтӕ уыдысты.
Ӕбӕрӕгдзинад адӕймаджы цымыдис кӕны. «Цӕуыл у сӕ цины сӕр, — хъуыды кодтон хинымӕр. Уӕдмӕ бон йӕ куыст кодта — рӕстӕг махмӕ кӕм кӕсы. Цалдӕр хатты мӕ куыстмӕ бавнӕлдтон, фӕлӕ та-иу хъуыдытыл фӕдӕн. Кӕд мын ӕхцайы преми радтой?.. Йе Кады грамотӕ? — мӕхӕдӕг мӕхи фарстон... Ӕмӕ бӕрӕгбон ӕндӕр куы ницы у».
«Фӕскуыст дӕ бабӕрӕг кӕндзыстӕм». Ӕцӕг дзырдтой, ӕви хынджылӕг кӕнынц? «Де ʼфсин йӕхи ӕрцӕттӕ кӕнӕд». Цӕмӕ хъуамӕ ӕрцӕттӕ кӕна ме ʼфсин йӕхи?
Фӕстагмӕ мӕ сӕр ӕгасӕй дӕр фарстаты голлаг фестад, голлаг нӕ — фарсты стыр нысан.
Искӕй бафӕрсын аивыл нӕ нымадтон, мӕхи бон та базонын ницы бацис, афтӕмӕй мыл бон дзӕгъӕлы аивгъуыдта. Фӕссихор фӕлладӕй нӕ хӕдзармӕ ссыдтӕн. Не ʼфсины цӕстӕнгас ницы ӕвдыста. Бӕрӕг уыд, хӕдзары ногӕй ницы ӕрцыд.
Кӕйдӕр загъдау, мӕ дзых нӕма схӕлиу кодтон, афтӕмӕй газетмӕ фӕкомкоммӕ дӕн. Мӕнӕ царциаты диссӕгтӕ! Мӕ цӕстытыл исты уайы, ӕви ӕцӕгӕй газеты мӕ нывтӕ ис?! Мӕ худ мӕ сӕрыл уӕлиау конд, дзых — хӕлиу, цӕстытӕ — цъынд, тӕрхъусы мард, ӕртӕ хъазы ӕмӕ цыппар бабызы — мӕ уӕлӕ ауыгъд, топп — мӕ хъӕбысы. Нывы бын лыстӕг дамгъӕтӕй фыст: «Цуаноны фӕллад ссӕуыны хуыздӕр хос — тарф фынӕй». Чысыл дӕлдӕр, дыккаг нывы бынмӕ — «Цуаноны бӕллиц — хӕдзармӕ дзагармӕй раздӕхын». Дыууӕ нывы дӕр мӕ цӕсгом бӕлвырд зыны, хуызисты куыд фӕзыны, афтӕ. Бексолтан нӕу, зӕгъгӕ, ничи зӕгъдзӕн.
Мӕ цӕстытӕ аууӕрстон ӕмӕ та ногӕй нывтӕм ӕркастӕн. Кӕйдӕртау ницӕуыл ӕууӕндын, фӕлӕ уыцы бон мӕхиуыл фӕгуырысхо дӕн. Ӕвӕстиатӕй не ʼфсинмӕ фӕдзырдтон. Бынтон дисы та уый бацыд... Уалынмӕ Гуыдзыдон мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд. Хъунцъы хуызӕн мӕллӕг саурихийы тыххӕй не ʼфсинӕн цыбырӕй радзырдтон. Цъусдуджы фӕстӕ нӕ дыууӕйыл дӕр худӕг бахӕцыд, не ʼфсинӕн ма йӕ цӕстысыгтӕ дӕр акалдысты фырхудтӕй. Цӕмӕй зыдтам, уыцы ӕнахуыр нывтӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты, уый.
— Нӕ худинаджы бон ӕрцыдис. Чъындыйы ном ныл сбаддзӕн. Зӕгъдзысты: уыйбӕрц амардта, ӕмӕ сӕ йӕ усимӕ сусӕгӕй бафтъӕрдтой, — сагъӕсы бацыдыстӕм дыууӕйӕ дӕр.
Ахъуыды кӕнын дӕр къухы нӕма бафтыд, афтӕ нӕ дуары дзӕнгӕрӕг ныццагъта. Цыма мыл сусӕны мӕй къӕртайы дзаг цъитидон бакалдӕуыд, уыйау мӕ мидбынаты фесхъиудтон. Мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты абоны ныхӕстӕ: «Фӕскуыст дӕ бабӕрӕг кӕндзыстӕм. Де ʼфсин йӕхи ӕрцӕттӕ кӕнӕд...»
Уазӕгӕн къӕсӕрӕй здахӕн нӕй. Дуар бакодтон ӕмӕ мӕ хӕдзар адӕмӕй байдзаг. Цыбыр дзырдӕй, уыцы изӕр не ʼфсинимӕ нӕ фӕйнӕ мӕйы мызды бахардз кодтам. Гъе, афтӕ «аслам» нын рауад нӕ фыццаг цуан. Уӕдӕй нырмӕ ӕмгӕртты ʼхсӕн цуаны кой куы рауайы, уӕд ӕз аивӕй исчердӕм мӕхи айсын.