Бирæгъ, рувас æмæ уызыны фынтæ (аргъау)

Бирæгъ, рувас æмæ уызыны фынтæ (аргъау)

IRON ARGHAW

Уæд дын зæгъы Цъамады хъæуы кæрон пыхсбыны цардысты бирæгъ, рувас æмæ уызын. Цардысты, куыд хорз сыхæгтæ, афтæ. Бон-иу улæфыдысты алчи йæ цæрæнбынаты, фæлæ-иу, куыддæр æрталынг, афтæ-иу зилын райдыдтой, цуан кодтой, хъæуы алыварс зылдысты, кæд мæ къухы исты бафтид, зæгъгæ.


Уæд дын иу изæр цуангæнгæйæ кæрæдзиуыл амбæлдысты бирæгъ æмæ рувас, æрбадтысты иумæ æмæ ныхас кæнынц, чи кæуылты ауад, цы федта, ууыл. Уыцы рæстæг уызын дæр æрбацæйцыдис сæ фæрсты, сæ ныхас йæ хъустыл ауад æмæ сæм йæхи байста хæстæгдæр.


Бадынц иумæ, дзурынц дарддæр сæ дзуринæгтæ. Бирæгъ зæгъы: «Фæзылдтæн изæрдалынгты алы рæтты æмæ мурдæр ницæуыл амбæлдтæн, афтæмæй мæ тæнтæ бахаудысты фырæххормагæй.


Рувас дæр фæцырд æмæ загъта, кæй ницы фæфос кодта, æмæ æххормагæй кæй мæлы, уый.


Уæд сын уызын афтæ зæгъы: «Фæзылдтæн æз дæр, мæ къæхтыл нал лæууын сæ фыррыстæй, фæлæ мæнæ сымахæрдæм куы æрбацæйцыдтæн, уæд уæртæ хъæуы бын чи цæры, Годахтæ, уыдоны дуар гомæй федтон æмæ æдзынæг каст кодтон, адон цы кусынц, зæгъгæ. Куыд раиртæстон, афтæмæй сæ къæсæргæрон кусарт кæнынц æмæ бацæуæм, кæд исты хуызы нæ къухы бафтид»


Бирæгъ дæр, рувас дæр фырцинæй сгæппытæ кодтой æмæ уызынмæ дзурынц, цæмæй тагъддæр ацæуой æмæ исты амалæй уыцы фыс сæ къухы бафтид.


Ацыдысты хъæуы бынмæ æмæ сбадтысты, Годахты цур цы дынджыр дур ис, уый рæбын. Бадынц æмæ уынынц, дуаргæрон кусарт куыд стигъынц Годах æмæ йæ лæппу, уый. Бадынц æмæ уынаффæ кæнынц, чи раскъæфа уыцы кусарт. Бауынаффæ кодтой, цæмæй бирæгъ бауайа æмæ фысы мард раскъæфа. Бирæгъ йæхи барæвдз кодта æмæ куыддæр кусартгæнджытæ стыгъд фесты, æмæ мидæмæ сæ къухтæ æхсынмæ бацыдысты, афтæ бирæгъ батахти, йæ сæр дуары мидæг куыддæр фæци, афтæ фæстæмæ ралыгъдис, йæ бон нæ бацис мидæмæ бацæуын фæздæгæй. Уæд рувас йæхи фæлæг кодта, батахти фысы раскъæфынмæ, фæлæ уый дæр нæ бафæрæзта фæздæгæн æмæ фæстæмæ ралыгъд.


Уæд дзурынц уызынмæ, ды куы ницы бакæнай, уæд нын ирвæзы нæ амæттаг, зæгъгæ. Æз æй нæ рафæраздзынæн, зæгъгæ, сæм бæргæ дзырдта, фæлæ æндæр гæнæн нæ уыдис æмæ бацыд. Фысы къахыл рахæцыд æмæ йæ къæсæрмæ рапппæрста. Уæд бирæгъ батахти, фелвæста фысы мард æмæ хъæуы бынты фæлидзы, иннæтæ дæр йæ фæстæ лидзынц, афтæмæй иу лæгъз бынаты кæрдæгыл æрæвæрдтой фысы мард æмæ йæ алыварс æрбадтысты.


Бадынц æмæ æнхъæлмæ кæсынц, кæд адих кæндзысты сæ амæттаг æмæ кæд райдайдзысты хæрын. Фæлæ афтæ нæ рауад сæ фæнд. Бирæгъ сæ хистæр уыдис æмæ сын афтæ зæгъы: «Мæнæ ацы фысы мард æртæйæ куы бахæрæм, уæд нæ иу дæр нæ бафсæддзæн, фæлтау æй нæ иу бахæрæд». Уыцы ныхас фехъусгæйæ рувас æмæ уызын скæуæгау кодтой æмæ йын загътой, ды нын хай дæттынмæ нæ хъавыс, æндæр ахæм ныхæстæ нæ кæнис.


Уæд сын бирæгъ дæр фæтæригъæд кодта æмæ сын афтæ зæгъы, мæнæ æрхуыссæм ацы кæрдæгыл, бафынæй кæнæм, алчидæр нæ фын фендзæн æмæ диссагдæр фын чи радзура, уый бахæрæд фысы мард.


Æрхуыссыдысты цъæх кæрдæгыл æмæ сæ алчидæр архайы бафынæй кæныныл. Бирæгъ æмæ рувас бафынæй сты, фæлæ уызыны нæ ахсы хуыссæг, хъуыдытæ кæны, адон куы райхъал уой, уæд дзурдзысты сæ фынтæ, фæлæ сын æз та цы радзурдзынæн, зæгъгæ.


Уалынмæ дын куы рабадиккой æмæ цæй тагъддæр радзурæм нæ фынтæ, зæгъгæ, дзæбæх æрбадтысты æмæ, куыд хистæр, афтæ бирæгъ райдыдта дзурын: «Мæнæн мæ фыд ахæм бæрзонд уыди, ахæм æмæ йæ сæр, уæлæ мигътæ кæм сты, уырдæм хæццæ кодта», — æмæ уый адыл йæ фын дзырд фæци. Уæд рувас дæр райдыдта дзурын йæ фын æмæ загъта: «Уæдæ мæнæн та ахæм фыд уыдис æмæ йæ сæр хæццæ кодта, уæлæ мигътæ кæм сты, уырдæм нæ, фæлæ уыдоны сæрмæ, арвы цъæх кæм зыны, уырдæм».


Цæй, уызын, ныр та дæ рад у æмæ радзур дæ фын. Йæхи дзурын ‘ввонг скодта уызын, фæлæ хъуыды кæны, куыдæй сæ амбула, цъæх арвæй уæлдæр ма куыд зæгъон, зæгъгæ, æмæ æрхъуыды кодта, æмæ загъта: «Уæдæ мæнæн та ахæм бæрзонд фыд уыдис æмæ йæ уæрджытæ хæццæ кодтой, сымахæн уæ фыдæлты сæртæ кæдæм хæццæ кодтой, уырдæм, ныр ахъуыды кæнут уæхæдæг, йæ сæр та кæдæм схæццæ уыдаид, ууыл».


Уыйадыл уызын рамбылдта æмæ уæд бирæгъ фæхъæр кодта, афтæмæй йæ нæ хæрæм, зæгъгæ. Уый куы фехъуыстой рувас æмæ уызын, уæд та сæ хъынцъым ссыди, æмæ та йын загътой, дæттынмæ нын нæ хъавыс дзидза, зæгъгæ. Уæд та бирæгъ уынаффæ рахаста æмæ сын загъта, ногæй æрхуыссæм æмæ ногæй радзурдзыстæм нæ фынтæ. Бæргæ сæ нал фæндыди хуыссын, фæлæ та сразы сты рувас æмæ уызын. Хуыссынц, фынæй кæнынц бирæгъ æмæ рувас, фæлæ уызын нæ фынæй кæны, хъуыды кæны, адон мын ницы ратдзысты, цыфæнды æмбылд сæ куы ракæнон, уæддæр, æмæ фысы мард тыххæйты аласта къудзиты фæстæмæ, йæхи хорз бафсæста дзидзайæ, цы дзы баззадис, уый бамбæхста къудзийы фæстæ æмæ æрбацыдис йæ бынатмæ. Æруагъта йæхи æмæ уайтагъд йæ хуыр-хуыр ссыдис æфсæстæй.


Бирæгъ æмæ рувас рабадтысты æмæ кæсынц, уызын фынæй кæны, фысы мард уынгæ дæр нæма фæкодтой, ам ма ис, æви нал, афтæмæй уызыны хъал кæнынц æмæ сын тыххæйты райхъал. Рабадтысты та æмæ чи цавæр фын федта, уый дзурын райдыдтой. Бирæгъ дзуры: «Цыма уæлæ фæсдагом кæм ис, уым фæцæйцыдтæн. Кæсын æмæ Дагомы фос хизынц фæсдагомы фахсыл. Уæд сæм мæхи хæстæг байстон æмæ сæм фæлæбурдтон. Цæгъдын сæ байдыдтон æмæ сæ иу ран самадтон, мæхи дзы хорз федтон æмæ мæнæ ардæм рацыдтæн. Йæ былтæ стæрдта бирæгъ, цыма æцæгæйдæр йæхи бафсæста, афтæ».


Уæд рувас дзурын райдыдта æмæ загъта: «Æз дæр бирæ фæзылдтæн æмæ куы ницы ссардтон, уæд ды фыстæ кæм самадтай, ууылты фæцæйцыдтæн. Куы сæ ауыдтон, уæд дзы мæхи хорз федтон æмæ мæнæ дæн уæ разы.


Йæ былтæ асдæрдта рувас дæр æмæ дзуры: — Уызын радзур ды дæр дæ фын. Уызын дзуры: «Уæдæ æз дæр ардыгæй кастæн æмæ федтон, сымах куыд хордтат, уый, æмæ уæд æз та фысы мард бахордтон, æнхъæл уыдтæн, сымах бафсæстыстут, зæгъгæ».


Уæд фæкастысты æмæ фысы мард уым нал. Рамæсты сты бирæгъ æмæ рувас, сæхи ныццавтой уызыныл, фæлæ сын дзы ницы рауад, мæстæй мæлгæ, æххормагæй баззадысты хъæуы бын. Ахæм хабæрттæ адæймагыл дæр æрцæуы.


ПАГÆТЫ Солтан, фæллойы ветеран

Report Page