БОНДЖЫН ЛÆГ ÆМÆ ИÆ ЧЫЗГ .
IRON ARGHAWИу бонджын лæгæн уыдис иу рæсугъд чызг. Кусгæ ницы кодта. Кæрдзын-иу бахордта æмæ-иу арты фарсмæ сбадт. Лæг мæсты кодта, фæлæ йæм æгад кастис йæ чызджы йæхи къухæй амарын.
Иу хатт ацыдис æмæ иу фæндагыл федта: иу æвзонг лæппу хуым кæны йæ мадимæ. Лæг ахъуыды кодта, зæгъгæ, мæ чызджы ацы лæппуйæн раттон æмæ йын кусдзæнис йæ мады бæсты. Куы нæ йын куса, уæд æй амардзæнис æмæ дзы фервæздзынæн.
Æхсæвы ацы лæппумæ бафысым кодта. Æхсæвӕр куы бахордтой, уæд хъæздыг лæг лæппуйæн афта:
—Мæнæн ис иу рæсугъд чызг æмæ дын æй хъуамæ раттон.
Уым дыккаг бон изæрмæ фæминас кодта стæй лæппуйы сæхимæ акодта, цæмæй йын йæ чызджы ратта.
Куы ’рцыдис хъæздыг лæг йе сиахсаджимæ, уæд ын хорз фæминас кодта, стæй йын чызджы ратта æмæ сæ рарвыста æхсæв, талынджы, цæмæй чызг лидзынвæнд куы скæна, уæд фæстæмæ фæндаг ма базона.
Чызг уым дæр йæ ахаст кæм фендæр кодтаид. Бахордта-иу кæрдзын, стæй-иу фæнычы фарсмæ сбадти, кусгæ-иу ницы кодта.
Иу хатт, дын, лæппуйы мад иу’ къуырийы фаг кæрдзын скодта æмæ загъта:
— Иу къуыримæ арт æппЫндæр мачи скæнæд!— йæхæдæг кæрдзынтыл дуар сыхгæдта.
Уæд чызг сæххормаг, фæлæ кæм ис— кæрдзыныл дуар æхгæд у. Фæныкмæ бацыд, змæнты йæ, фæлæ дзы æвзалытæ нæ ары, — ӕвзалытæ уæддæр ахæра. Æфсин æм æттейæ дуары хуынкъæй кæсы. Бацыди чызгмæ æмæ йын хæрз гыццыл къæбæр дзул авæрдта. Йæхæдæг та дуармæ рацыдис. Чызг хъуыдыты адзæгъæл ис, зæгъгæ, мын ацы гыццыл къæбæр цæмæн авæрдтаид, йæхæдæг та фæнычы фарсмæ æрбадт æмæ хъуыдытæ кæны. Уый фæстæ сыстад æмæ хæдзарæн йæ иу къуым расæрфта уисойæ, стæй та æрбадт фæнычы фарсмæ. Уæд та йæм бацыд зæронд ус æмæ йын ратта иу кæрдзынæн йæ цыппæрæм хайы бæрц. Чызг та хæрды фæстæ хъуыдыты аныгъуылди, фæнычы фарсмæ бадгæйæ, стæй та фæгæпп кодта æмæ хæдзар дзæбæх ныссæрфта. Уæд та йæм зæронд ус бацыдис æмæ йын ацы хатт ратта æнæхъæн кæрдзын. Уæд чызг базыдта, кусын кæй хъæуы, уый.
Чызджы йæ фыдмæ ацæуын бирæ хæттыты фæндыд, фæлæ йæ ныфс нæ хаста, стæй фæндаг дæр нæ зыдта.
Æрцыдис най кæныны рæстæг. Уæд чызг сагой рахаста æмæ най кæнын байдыдта иннæ адæмимæ иумæ. Иу най куы сдардтой дымгæмæ, уæд кæсы, æмæ дæлæ йæ фыд ссæуы.
Йæ фыд афтæ æнхъæлдта, зæгъгæ, йæ уыцы лæппу афонмæ амардта.Мусмæ куы схæццæ, уæд йæ чызджы фæрсы:
— Цæмæн кусыс?
Чызг ын загъта:
— Ам ахæм бæстæ у, æмæ чи нæ кусы, уымæн кæрдзын нæ дæттынц. Æмæ мæнæн дæр æндæр гæнæн нал уыд.