Гыццыл принц иронау

Гыццыл принц иронау


S. Афтæ мæм кæсы, цыма йын йæ мидис æрмæст еныр банкъардтон. Чи зоны, æмбаргæ йæ уый размæ дæр кодтон, фæлæ мадæлон æвзагæн æндæр ад ис. "Уындæуы æрмæст зæрдæйæ". Мæн та Хуыцау иронæй сфæлдыста, æмæ дунейы сусæгдзинæдтæ мын иронау куы раргом вæййынц, уæд сæ мæ зæрдæ цыма кæронмæ банкъары. "Принцы" æгæрон арф æмæ æрхæндæг хъуыдыйы хицæн æууæлтæ мæм бахъардтой еныр, иронау æй куы бакастæн. Йе'стыр ныфс дæр - афтæ.

Бамдзæгъд кæнынæн дыууæ къух куыд хъæуы, афтæмæй уарзтæн дæр - дыууæ зæрдæйы. Принцы цæуыны рæстæг куы æрхæстæг ис, уæд Рувас банкъард ис:

— Уый дæу аххос у, — загъта Гыццыл принц, — мæ зæрдæ дын зын нæ загъта, фæлæ дæу бафæндыдис, цæмæй дæ сæрмахуыр кæнон, уый ...

— Бæгуыдæр, — загъта Рувас.

— Фæлæ ныр та кæугæ кæндзынæ! — загъта Гыццыл принц.

— Бæгуыдæр, — загъта Рувас.

— Уæдæ дзы ницы рамбылдтай!

— Рамбылдтон. — загъта Рувас. — Мæнæуы тæмæнæй гуырд æнкъарæнтæ.

Принц æмæ Рувас


Чи банкъары, уымæн зындæр вæййы, фæлæ йæ кæронбæттæны æмбулгæ дæр уый ракæны. Кæд иу цыбыр уысммæ, фæлæ йын уæддæр царды ахсджиагдæр цы у, уый йæхи равдисы. Стыр сусæгдзинадыл рухсы цъыртт 'ркæлы, æмæ зæрдæ уынын райдайы. Банкъарын чи нæ бафæразы, уарзты хъом чи нæ фæвæййы, уый та баззайы куырмæй. Дунейы æмæ адæймаджы удыхъæды рæсугъддзинадмæ къуырмайæ. Уый та у Хуыцауы азар, æмæ йæ Рувас Принцæн бамбарын кодта. Цæргæбонты Экзюпери нæ уарзта къуырма зæрдæты хицæутты. Кастысты йæм афтид, царды ахсджиагдæр цы у, уымæй хъуаг. Се'мбисонд сæхи!


Гыццыл принц



D. Рагæй зонын Гыццыл Принцы. Дардæй иу æм кастæн, хъуыстон иу ын йæ дзырдмæ, фæлæ куыд разынд афтæ, æмбаргæ дзы yыййас ницы кодтон. Мæхи баввахс кæнын та йæм мæ бон нæ yыд. Хæстæгдæр бацæуынæн мæхæдæг дæр ницы архайдтон.

Ныр та йемæ базонгæ дæн. Гыццыл Принц иронау сдзырдта æмæ барухс Зæxx. Цыма дуне ноджы тынгдæр срæcyгъд, мæ зæрдæйы та ног ахсджиаг миниуæг фæзынд. Нырма чысыл у, æмæ йæ мæxæдæг дæр кæронмæ не‘ мбарын, фæлæ йын хатын йæ тых æмæ йæ рухс. Афтæ мæм кæcы, æмæ йæ кæд искуы суа мæ бон банкъарын йæ yидæгты онг, кæд æй искуы мæ бон суа апарахат кæнын мæ зæрдæйы дадзинты, уæд мын царды нысан раргом уыдзæн. Æрмæcт уæд фендзынæн «мидау». Цæcтытæй нæ – зæрдæйæ.



Report Page